Цхинвайлаг армрестлертæ стох кæндзысты Цæгат Иры чемпионаты

Кæсæбиты Владислав, Хæбæлаты Арсен, Плиты Батрадз æмæ Бететы Аланæн ерысты æнтыст кæны фæндаг Уæрæсейы чемпионатмæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 янв – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны армспорты секцийы хъомылгæнинæгтæй цыппар стох кæндзысты Цæгат Ирыстоны чемпионаты, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Джиоты Валерий.

Ерыстæ цæудзысты спорты галуан "Манеж"-ы 11 январы.

Хӕбӕлаты Арсен: ацы ерыстæ - ноджы иу къахдзæф ног æмвæзадмæ

"Хуссар Иры командæйы сконды уыдзысты Кæсæбиты Владислав, Хæбæлаты Арсен, Плиты Батрадз æмæ Бететы Алан. Фыццаг æртæ нырма чемпионаты кары неʻсты , фæлæ сæ тыхтæ хъуамæ сфæлварой. Цæгат Ирыстоны чемпионаты æнтыст дарддæр дæтты фадат хайад райсынӕн Уæрæсейы чемпионаты", - загъта тренер.

Уый ма банысан кодта, Хуссар Иры ныры дуджы æнтыстджындæр æрмхæцæг Гасситы Сосланæн кӕй ис балцæг Уæрæсейы чемпионатмæ, уымæ гæсгæ ерысты нæ архайы.

Цæгат Ирыстоны чемпионаты архайдзæн 100 спортсмены онг.