Хуссар Иры расидтысты конкурс чысыл бизнесӕн уӕлбар кредиттӕ рахицӕн кӕныны фӕдыл

Куырдиӕттӕ исдзысты 14 февральмӕ. Кредит райсыны фӕдыл документты номхыгъд ныммыхуыр кодтой республикӕйы хицауады сайтыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны экономикон райрӕзты министрад расидт конкурс чысыл бизнесы минӕвӕрттӕн уӕлбар кредиттӕ рахицӕн кӕныны фӕдыл. Кредит райсыны фӕдыл документтӕ уагдон исдзӕн 13 январӕй 14 февральмӕ, фехъусын кодта майрӕмбоны президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕйы кусӕг Дзуццаты Тамара.

Хуссар Иры райстой закон чысыл бизнесы ӕххуысӕн

Уый банысан кодта, конкурс кӕй расидтысты республикӕйы чысыл амалиуӕгадӕн уӕлбар кредиткӕнынады фӕдыл Фонды скъуыддзагмӕ гӕсгӕ ӕмӕ уӕлбар кредиткӕнынады фӕдыл декабры райсгӕ законмӕ гӕсгӕ.

Куырдиӕттӕ хъӕуы бадӕттын Хуссар Ирыстоны экономикон райрӕзты министрадмӕ, цы ран ӕвзардзысты бизнес-проекттӕ документты пакетмӕ гӕсгӕ. Документты номхыгъд ныммыхуыр кодтой республикӕйы хицауады сайтыл.