Хуссар Иры президент æрдзырдта ветеранты проблемæтыл змæлд "Адæмы ныфс"-ы уæнгтимæ

Ветеранты санаторон-курортон хоскæнынад æмæ иунæг чырон операторы æвзæр тарифон политикæйыл æруынаффæ кодтой паддзахады сæргълæууæг æмæ æхсæнадон организацийы уæнгтæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий æрдзырдта  ветераны санаторитæм æрвитыны уавæртæ æмæ æндæр актуалон фарстытыл æхсæнадон организаци "Адæмы ныфс"-ы уæнгтимæ.Уый тыххæй хъусын кæны бæстæйы сæргълæууæджы пресс-службæ.

Хуссар Иры хӕстон архӕйдтыты ветерантӕн дӕттынц гуманитарон ӕххуыс

Змæлды сконды сты 1989-1992 æзты хæстон архæйдтыты ветерантæ, политологтæ, Хуссар Иры æхсæнады минæвæрттæ. Йæ сæргълæууæг Гæджиты Радик куыд банысан кодта, афтæмæй "Адæмы ныфс" æххуыс кæны республикæйы цæрджытæн сæ проблемæтæ скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы.

"Мах дзурæм æмæ тырнæм нæ фадæттæм гæсгæ скъуыддзаг кæнын не 'мбæстæгты проблемæтæ. Не змæлды сты адæм, кæцытæ тох кодтой Хуссар Ирыстоны сæрибардзинадыл", - загъта уый.

Фембæлды рæстæджы Бибылты Анатолий фехъусын кодта, кæй фæзынд фадат æрвылмæй дæр фондз ветераны санаторон-курортон хоскæнынадмæ æрвитынæн. Президент бамбарын кодта, уыцы фадат кæй фæзынд, "кæддæр æнæпроцентон кредиттæй цы фæрæзтæ фæистой адæм, уыдон раздахыны руаджы".

Паддзахады сæргълæууæджы ма бафарстой "Остелеком"-ы тарифон политикæйы проблемæйæ. Уый банысан кодта, æввахс рæстæджы кæй ацæудзæн йæ фембæлд компанийы къухдариуæгад æмæ йæ акционертимæ, цы ран æруынаффæ кæндзысты ног тарифон æмæ аргъон политикæйыл. 

Бибылты Анатолий ма бузныг загъта организацийы минæвæрттæн сæ куысты тыххæй. 

"Уырны мæ, уæ куыст кæй у хуссарирыстойнаг æхсæнады хæрзæбонæн. Уæлдай бузныг змæлды уæнгтæн, кæцытæ республикæйæн уæззау рæстæджыты хъахъхъæдтой йæ сæрибардзинад", - загъта уый.

Фембæлды рæстæджы ма дзырд цыд политикон æмæ социалон фадгуыты актуалон проблемæтыл.