Цхинвалы скъола-интернатæн балæвар кодтой микроавтобус

Уагдоны ахуыр кæны 200 сывæллонæй фылдæр æххуысхъуаг бинонтæй. Фæстаг рæстæджы скъола тыхст транспорты цухдзинадæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 янв - Sputnik. Хицауады сæрдар Пухаты Эрик радта ног микроавтобус "Газель"-ы дæгъæлтæ Цхинвалы скъола-интернатæн, хъусын кæны хицауады пресс-службæйы кусæг Дзудцаты Тамара.

Пухаты Эрикы ныхæстæм гæсгæ, ахуырадон уагдæтты фарстытæ, кæцытæ хауынц сывæллæтты æдас цардмæ, сты республикæйы разамынады хъусдарды бын.

"Хицауад ссарта фæрæзтæ ахуырадон уагдонæн ног, хæзвадат транспортæн, цæмæй сабитæ республикæйы æмæ уый æддейæ цæуой æдасæй", - банысан кодта уый.
Лæвар дыргътæ: интернат райста æххуыс Кæсæгæй

Ахурадон уагдоны директор Тедеты Роланд радзырдта, траспорты фарст актуалон уыд фæстаг рæстæджы.

"Бузныг зæгъын нæ куырдиат нын кæй сæххæст кодтой æмæ æмткæй нæ æнæхъусдард  кæй нæ уадзынц", - загъта Тедеты Роланд.

Уагдоны ахуыр кæны 200 сывæллонæй фылдæр æххуысхъуаг бинонтæй. Фæстаг рæстæджы скъола тыхст транспорты цухдзинадæй.