ЦХИНВАЛ, 16 янв - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри хатдзæгтæ скодтой конкурс "В детях счастье"-йæн. Республикæйы хуыздæр къайыл банымадтой Цхуырбаты бинонты – Дженик æмæ Олеся, сæ фондз чызг, цыппар лæппуйы æмæ сæ нана ссисты уæлахиздзаутæ.
Ӕртыццæджы Sputnik бабарæг кодта Хуссар Иры хуыздæр бинонты нывыл цард.
Бинонты кæстæр Марияйыл цæуы нырма æрмæстдæр фондз мæйы, хистæр Аделина чындзы фæцыд Дзæуджыхъæумæ.
Аделина, Альма, Альда, Авель, Аслан, Хазби, Сослан, Мия æмæ Мария хъомыл кæнынц хæлар æмæ хъæрмуд бинонты ʻхсæн.
Ныййарджытæ сæрыстыр сты сæ хистæр чызгæй, иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ фæцис скъола, университеты уыд президенты стипендиат, ныр та хистæры æнтыстытæ фæлхатт кæны сæ дыккаг чызг. Аннæтæ сæхи фæлварынц музыкæйы, спорты хуызты, хореографийы, хистæртæ æххуыс кæнынц сæ мадæн кæстæртæм кæсынæн.
Стыр бинонты мад Олесяйыл цæуы æрмæстдæр 38 азы, йæ моимæ сæ цард сбастой 22 азы размæ.
"16 аз ыл махмæ сæххæст ис. Куы йæ базыдтон, мæ лæппу йæ раскъæфта, уæд фыццаг ныккатай кодтон, уымæн æмæ мæгуыр рæстæг уыд, зæххæнкъуысты тæккæ фæстæ. Дзауы нæ фатер ныппырх, цардыстæм мæнгагъуысты. Фæлæ йæ стæй мæхæдæг дæр тынг бауарзтон", - дзуыр чындзы ʻфсин Санахъоты Лиана.
Коммæгæс зæнæг, хорз уагахаст æмæ ахуыры хорз бæрæггæнæнтимæ хъæбултæй ныййарджытæ сты райгонд.
"Хистæр мын чындзы ацыд, æндæра мын уый дæр тынг æххуыс кодта кæстæртимæ. Алцыдæр Хуыцауæй дæтгæ у, Хуыцау нын схæлар кодта фондз чызг æмæ цыппар лæппуйы æмæ стæм амондджын бинонтæ. Ӕндæртау æз фæсмон ницæуыл кæнын, тынг æвзонгæй кæй ацыдтæн чындзы, мæ бинтонтæ сты мæ хæзна", - дзуры Олеся.
Чындзимæ разы у æфсин дæр.
"Фæзæгъынц, куыд æххæссут уый æппæт зæнæгыл. Нæ уæ бауырндзæн, фæлæ уарзт алкæй фаг дæр кæны. Дыууæ чызг ма мын ис лæппуйæ дæрддæр, уыдонæй иуæн ис æртæ сывæллоны, аннæмæн та - цыппар. Уыдон дæр æрæджы уыдысты ам. Уый бæрц сабитæ уыд нæ хæдзары, цин æмæ амондæй хæдзар уыд дзаг", - зæгъы Лиана.
Сывæллæттæ иууылдæр сты хæлар, фæлæ иннæтæй чысыл къæбæдадæр зыны Сослан.
"Сослан нын æндæрхуызон у, чысыл къæбæдадæр æмæ æхсайгæзæрдæдæр. Кæстæртыл уымæй тынгдæр куы баузæлын, уæд æм хъыг кæсы", - дзуры мад.
Сывæллæтты фыд кусы МСНК-йы, сæ мад у медицинон хо, æфсин - дуканийы. Кæд стыр бинонтæ сты, уæддæр иннæтау хицауадмæ æххуысгур никуы бацыдысты.
Зæххæнкъуысты Дзауы ныппырх ис сæ хæдзар, уый фæстæ ралыгъдысты Цхинвалмæ æмæ æрбынат кодтой æфсины ныййарджыты хæдзары. Уый та 2008 азы хæсты ныппырх. Фæцæф ис хæдзары хицау Хазби.
"Мæ мæгуыр æмкъай хæсты аирвæзт, фæлæ йæ цæфтæ фæстæдæр сниз кодтой æмæ тромбæй амард. Уæд чындз æнхъæлмæ каст сывæллонмæ, лæппу куы райгуырд, уæд ын ном радтой Хазби. Ацы хæдзар нын хицауад сарæзта хæсты фæстæ", - радзырдта æфсин.
Уый ма бузныджы ныхæстæ зæгъта президент Бибылты Анатолий æмæ йæ æххæстбарджын минæвар Козаты Гульнарайæн.
Хуссар Иры стæм сты ахæм стыр зæнæгимæ бинонтæ, æртæ-цыппар саби цы бинонты ис, уыдон фæхонынц бирæсывæллонджын бинонтæ. Цхуырбаты бинонтæ сты хæрзконд, рæсугъд æмæ хæлар. Фæстаг рæстæджы та фæнд кæнынц срæвдз кæнын хорз мыггаг куыйты дард.