Фыццаг сабийæн мады капитал исдзысты Хуссар Иры дæр

Уæрæсейы президент Владимир Путин æртыццæджы йæ ныстуаны загъта, 2020 азы январæй мады капитал райсæн кæй уыдзæн фыццаг сывæллонæн дæр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 янв — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры цæрджытæй Уæрæсейы æмбæстагад кæмæн ис, уыдонæн фадат уыдзæн спайда кæнын Уæрæсейы æппæт социалон гарантитæй, сæ нымæцы фыццаг сывæллонæн мады капиталæй. Уый тыххæй Sputnik фехъусын котой хицауады аппараты.

Цӕгат Иры полици ӕрцахста фыдгӕнӕджы, кӕцы адавта мады капиталы 170 милуан сомы

УФ президент Владимир Путин æртыццæджы арвыста ныстуан Федералон æмбырдмæ бæстæйы уавæр æмæ æввахс азмæ йæ мидæггагон æмæ æддагон политикæйы сæйраг здæхтыты тыххæй. Уæд Уæрæсейы лидер загъта, 2020 азы январæй мады капитал райсæн кæй уыдзæн фыццаг сывæллонæн дæр.

"Уæрæсейы æмбæстæгты социалон гарантитæй, кæцытæ сæ тыххы бацæудзысты фæстæдæр, спайда кæныны фадат уыдзæн Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæн дæр. Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæ дыккаг сабийы тыххæй мады капитал куыд истой, афтæ сын фадат уыдзæн фыццаг сабийы тыххæй дæр райсынæн", - загътой хицауады аппараты.

Йæ ныстуаны рæстæджы Путин банхъардта фæфылдæр кæнын капитал дыккаг сывæллоны райгуырдæй ноджы 150 мин сомы æмæ йæ стæй æрвылаз дæр индексаци кæнын. Уый адыл дыккаг сывæллонимæ мады капиталы аргъ суыдзæн 616 мины 617 сомы.