Ирыстойнаг æвзонг шахматист рамбылдта турнир Небугы

Ерысты хайадисджытæ тох кодтой канд майдантыл нæ, фæлæ ма скъоладзауты хсæн Европæйы фыццагадмæ балцæгтыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 янв - Sputnik. Ирон спортсмен Баситы Георгий бацахста фыццаг бынат шахматтæй турнир "Мемориал Эртеля 2020"-ы  Небугы (Краснодары край), хъусын кæны Цæгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службæ.

Ӕхсӕнадӕмон турнир Дзауы рабӕрӕг кодта Ирыстоны тыхджындӕр шахматистты

Пьедесталы дыккаг къæпхæнмæ та схызт ноджы иу минæвар Ирыстонæй Ӕгкацаты Артур.

Ерысты хайадисджытæ тох кодтой канд майдантыл нæ, фæлæ ма скъоладзауты хсæн Европæйы фыццагадмæ балцæгтыл.

Турниры организатор уыд Уæрæсейаг скъолайон шахматты цæдис.