ЦХИНВАЛ, 20 янв - Sputnik. Цæгат Ирыстоны полицийы кусджытæ æрæхгæдтой наркопритоны архайд, кæцы уыд республикæйы 32-аздзыд цæрæджы фатеры, хъусын кæны МХМ пресс-службæ.
Фыдгæнæг рæстæгæй-рæстæгмæ æвæрдта йæ фатер йæ наркоман-зонгæтæн, кæцытæ уым цæттæ æмæ пайда кодтой наркотикон æмæ психотропон буарæдтæ.
"Басгæрсты рæстæджы полицийы кусджытæ ссардтой æмæ байстой 106 граммы гæн, наркотикон буарæдтæ æрцæттæ кæнынæн æнæмæнгхъæуæг предметтæ, шприцтæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Оперативникты бацыды рæстæджы фатеры йæ хицау æмæ йæ граждайнаг æмкъаййæ дарддæр уыдысты сæ уазджытæ наркотикон буарæдтæй расыгæй. Фæстæдæр уый сбæрæг кодта медицинон басгæрст дæр.
Притоны организатор конд æрцыд полицийы дæлхайадмæ, уый басаст йæ фыдракæндыл. Нæлгоймаджы ныхмæ бакондæуыд уголовон хъуыддаг.