Цхинвал æмæ Дзæуджыхъæу бафысдзысты бадзырд, кæцыйыл куыстой дæс азы

Тадтаты Аланы ныхæстæм гæсгæ, дыууæ фарс дæр хорз æмбарынц бадзырды нысаниуæг, уымæн æмæ закондæттæг органты æмгуыстад у ахсджиагдæр хæххытæй иу
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 янв - Sputnik. Хуссар Иры парламент æввахс рæстæджы бафысдзæн æмгуыстады фæдыл бадзырд Цæгат Ирыстонимæ, фехъусын кодта парламенты спикер Тадтаты Алан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, бадзырд бацæттæ кæныныл дзырд цыд 2010 азæй фæстæмæ, "фæлæ йæ, бæрæг аххосæгтæм гæсгæ,  бафысдзысты æрмæст 10 аз фæстæ".

"Ацы мæйы кæрон, науæд ног мæйы райдайæны Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстоны æхсæнпарламентон æмгуыстады фæдыл бадзыр фидар æрцæудзæн. Ацы документы ис тынг ахсджиаг пункттæ дыууæ фарсæн дæр, кæцытæ кæнынц интеграцийæн егъау тыгъдад", - загъта уый.

Тадтаты Алан ма банысан кодта, Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстоны парламентариты кæй хъæуы иумæ кусын. Ахæм æнгом æмгуыстады фæрцы, бафтыдта спикер, парламенттæ тагъд скъуыддзаг кæндзысты дыууæ республикæйы интеграцийæн цы фарстытæ хъыгдарынц, уыдон.