Сабидон æмæ гигиенæйы центр: Хуссар Иры хицауад сразы ис ног уагдæтты бакондыл

Ног азы размæ Хуссар Иры эксплуатацимæ радтой ног сабидоны бæстыхай – уый райсдзæн сывæллæтты 1 февралæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады уæнгтæ райстой бардзырд скъолайы агъоммæ уагдон "Сабидон Æфсир" саразны фæдыл, хъусын кæны хицауады пресс-службæ.

Сабидон, цы ран фидар æрцыдысты бындурæвæрæг, структура, штат, арæзт æрцыд 2019 азы инвестицион нывæзты фæлгæтты Чиаты Иосифы уынгыл Цхинвалы.

Цхинвалы Ног азмӕ бакӕндзысты ноджы иу сабидон

Хицауады рабадты ахуырады министр Гасситы Натали радзырдта, сабидон цæттæ кæй у райсын 60 сывæллоны.

Уымæй дарддæр, рабадты архайджытæ сразы сты "Центр гигиены и эпидемиологии" саразыныл. Фарсты фæдыл раныхас кодта фæлхасгæнджыты барты комитеты хистæр Коцты Марина.

Ног паддзахадон бюджетон уагдон арæзт æрцæудзæн комитеты бындурыл æмæ йæ цы фарстытæ нæ хауынц, уыдон йæ бæрнæй рахицæн кæндзæн.