Дзӕуджыхъӕуы фехстой депутаты хӕдтулгӕ

Цауы бынаты машинӕйы ничи уыд - ӕбӕрӕг гоймӕгтӕ дыууӕ ӕхст фӕкодтой хӕдтулгӕйы ӕмӕ сӕхи бааууон кодтой
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 янв — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сӕйраг горӕты дысон ӕбӕрӕг гоймӕгтӕ фехстой республикон парламенты депутат Гулиты Ӕхсарбеджы хӕдтулгӕ, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

Цауы бынаты машинӕйы ничи уыд - ӕбӕрӕг гоймӕгтӕ дыууӕ ӕхст фӕкодтой хӕдтулгӕйы ӕмӕ сӕхи бааууон кодтой.

Дзӕуджыхъӕуы фехстой депутаты хӕдтулгӕ

Парламентарий йӕхӕдӕг куыд фехъусын кодта порталӕн, афтӕмӕй ацы фыдракӕнды йӕ зӕрдӕ никӕмӕ ӕхсайы. 

"Цау ӕрцыд изӕры 6-7 сахатыл. Уыцы рӕстӕджы ӕз уыдтӕн хӕдзары, ӕхстытӕ нӕ фехъуыстон, сыхӕгтӕ мын фехъусын кодтой. Фӕдысгӕрс уадзынц барадхъахъхъӕнӕг органтӕ, ӕз банхъӕлмӕ кӕсдзынӕн хатдзӕгтӕм", - хӕссы депутаты ныхӕстӕ 15-ӕм Регион.

Гулиты Ӕхсарбег у бюджет, фиддонтӕ ӕмӕ кредитон организациты фӕдыл парламентон комитеты уӕнг.