Ирон богал рамбылдта æхсæнадæмон турнир Францы

Турнир, цы ран архайдтой 200 спортсмены бæрц дунейы 22 бæстæйæ, ирон хъæбысæйхæцæг архайдта 65 кг уæзы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 янв — Sputnik. Уæгъдибар стилы цæгатирыстойнаг спортсмен Колыты Георгий рамбылдта Францы æхсæнадæмон турниры сызгъæрин майдан, хъусын кæны 15-æм Регион.

Ирон богал рамбылдта сыгъзӕрин майдан ӕппӕтуӕрӕсейон турниры

Олимпиаг хъæзтыты чемпион Анри Дегланы номарæн турнир цæуы Ниццæйы 46-æм аз, уым фæархайынц тыхджындæр богалтæ, олимпиадæты, дунейы æмæ Европæйы чемпионатты уæлахиздзаутæ. Ацы аз дзы тох кæнынц 200 спортсмены бæрц дунейы 22 бæстæйæ.

Ирон богал ссис уæлахиздзау 65 килограммы уæзы категорийы.

Жан Анри Деглан — бердзенаг-ромаг стилы архайæг французаг, 1924 азы олимпиаг хъæзтыты чемпион. Хъæбысхæстæй Анри Дегланы номарæн турнир цæуы æрвылаз.