Хуссар Иры президент æвæрццаг аргъ скодта Аунеуы æхсæрдоны фæзындæн

Ног проект æвдисы, республикæ инвестицион æгъдауæй кæй у зæрдæмæдзæугæ, загъта паддзахады разамонæг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бабæрæг кодта Знауыры районы Аунеуы æхсæрдæттæ.

Проекты инвестор, фирмӕ "Аланти Бундор"-ы генералон директор Тæтæраты Алан радзырдта, куыд æххæст цæуы проект. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы азы фæнд кæнынц ныссадзын 350 гектары, уыцы зæххытæй 180 га сты куыст. Фыццаг тыллæг хъавынц райсын цыппар азы фæстæ.

"Нырмæ ныссагътам 10 гектары. Мах æрластам Италийæ талатæ, кæцыты тыллæгæй пайда кæнынц дунейы кондитерон рауагъдады. Райдайæн этапы нæм кусы 12 адæймаджы, фæнд кæнæм балхæнын техникæ, рауæрæх кæнын штат. Махæн ам нæ зæрдæмæ цæуы æмæ мæ фæнды нæ дыргъдæтты фæзуат рауæрæх кæнын", - загъта уый.

Тæтæраты Алан ма радзырдта паддзахады æмархайд æмæ профилон министрæдты æххуысы тыххӕй инвесторæн кусыны уавæртæ саразынæн.

Президент йæхи ʻрдыгæй банысан кодта, инвесторты ӕрцыд æвæрццагæй кæй бандавдзæн Хуссар Ирыстоны экономикæйы размæцыдыл æмæ социалон сферайы райрæзтыл.

Хуссар Иры президент æвæрццаг аргъ скодта Аунеуы æхсæрдоны фæзындæн

"Ног инвестицион проект æвдисæн у, Хуссар Иры цы уавæртæ æмæ гарантитæ ис, уыдон кӕй сты бизнесæн зæрдæмæдзæугæ. Уый у фидæны экономикон размæцыды бындур", – загъта президент.

Уымæй дарддæр, Бибылты Анатолий банысан кодта проекты социалон нысаниуæг.

"Ацы проектæн ис вазыгджын социалон здæхт. Инвестортæ, кæцытæ цæуынц Хуссар Ирмæ, канд сæхи амалиуæгадтæ нæ фидар кæнынц, фæлæ ма аразынц куысты бынæттæ – исынц куыстмæ æввахс хъæуты цæрджыты", - загъта паддзахады разамонæг.