Хуссар Иры разӕсгарджытӕ хыгъдлӕвӕрд радтой ивгъуыд азы куысты тыххӕй

Ӕддагон разӕсгарӕн службӕйы хыгъдлӕвӕрдон коллегийы рабадты хайад райста Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ӕддагон разӕсгарӕн службӕйы (ӔРС) сӕргълӕууӕг Уарзиаты Алексей хыгъдлӕвӕрд радта уагдоны архайды тыххӕй 2019 азы. ӔРС хыгъдлӕвӕрдон коллегийы рабадты хайад райста республикӕйы президент Бибылты Анатолий, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Гасситы Дина.

Хуссар Иры разӕсгарджытӕ хыгъдлӕвӕрд радтой ивгъуыд азы куысты тыххӕй
"Афтӕ ма рабадтыл сбӕрӕг кодтой службӕйы райрӕзты приоритетон хӕслӕвӕрдтӕ ӕмӕ здӕхтытӕ 2020 азмӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Президент загъта бузныг Хуссар Ирыстоны разӕсгарджытӕн ӕмӕ бахахх кодта сӕ куысты стыр бӕрндзинад. Бибылты Анатолий банысан кодта республикӕ ӕмӕ регионы оперативон уавӕрмӕ хъусдарды ӕнӕмӕнгхъӕуындзинад бӕстӕйы ӕдасдзинад сӕххӕст кӕныны фӕдыл.

Фарон фӕззӕджы, республикӕйы Ӕддагон разӕсгарӕн службӕ банысан кодта йӕ сӕвзӕрдыл 16 азы сӕххӕст.