ЦХИНВАЛ, 27 янв — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны командӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй рамбылдта цыппар сыгъзӕрин, дыууӕ ӕвзист ӕмӕ фондз бронзӕйон майданы Ӕхсӕнадӕмон турниры уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй "Гран-при Иван Ярыгин-2020", хъусын кӕны 15-ӕм Регион.
Егъау ерыстӕ Красноярскы балхынцъ сты хуыцаубоны.
Цыппар уӕлахиздзау дӕр – Тускъаты Азӕмӕт (57 килограммы), Найфонты Артур (86 килограммы), Цӕкулаты Батырбег (92 килограммы) ӕмӕ Байцаты Владислав (97 килограммы) – фыццаг хатт рамбылдтой Иван Ярыгины турнир.
Сӕ финалон тохты фӕхӕрд сты олимпиаг чемпион Рӕмонаты Сослан (65 килограммы) ӕмӕ дунейы чемпион Байты Дауыт (70 килограммы). Уалыты Чермен (70 килограммы), Цӕболты Хетик (74 килограммы), Нӕртыккоты Радик (92 килограммы), Гогаты Георгий (97 килограммы) ӕмӕ Хуыгаты Алан (125 килограммы) ссисты турниры бронзӕйон призертӕ.