Хуссар Иры президент ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй сӕудӕджерады комитеты сӕрдары

Уагдоны разамонӕджы ссӕрибар кодтой йӕ бынатӕй йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ, дзырдӕуы президенты барамынды
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ссӕрибар кодта Санахъоты Батрадзы республикӕйы сӕудӕджерад, транспорт ӕмӕ энергетикӕйы комитеты сӕрдары бынатӕй, хъусын кӕны къуырисӕры паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Санахъоты Батрадзы ссӕрибар кодтой йӕ бынатӕй йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ. Ацы барамындӕй ма президент снысан кодта комитеты сӕрдары хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Коцты Петры.

Санахъоты Батрадз уыд сӕудӕджерад, транспорт ӕмӕ энергетикӕйы комитеты сӕрдар 2018 азы ноябрӕй фӕстӕмӕ.