Уалыты Мӕдинӕ загъта йӕ хъуыды Паддзахадон театры рестораны баконды тыххӕй

Театры директор баныфсӕвӕрдта, ресторан кӕй уыдзӕн "VIP-уагдон" ӕмӕ коллективы куыст нӕ хъыгдардзӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 янв — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры ресторан саразын нывӕндысты бӕстыхайы проекты дӕр, фехъусын кодта брифингыл Цхинвалы театры директор Уалыты Мӕдинӕ.

Ахӕм куырдиат рахастой социалон хызӕгты Паддзахадон драмон театры бӕстыхайы рестораны вывескӕйыл ӕрныхасы фӕстӕ.

"Театры рестораны комплекс саразын нывӕндысты проекты дӕр", - бахахх кодта Уалыты Мӕдинӕ.

Уый банысан кодта, ресторанӕй ӕфтиӕгтӕ кӕй сисдзысты паддзахадӕй театры хӕрдзты хай.

Уалыты Мӕдинӕ загъта йӕ хъуыды Паддзахадон театры рестораны баконды тыххӕй

Театры дирекци бадзырдта профессионалон ресторатор Уалыты Альбертмӕ, баныхасы фӕстӕ аскъуыддзаг кодтой бакӕнын бӕстыхайы ресторан. Уалыты Мӕдинӕ куыд банысан кодта, афтӕмӕй ацы фарст ныридӕгӕн аскъуыддзаг кодтой, уагдоны ис ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ифтонггарз ӕмӕ цӕттӕ у бакондмӕ.

"Алцыдӕр тынг хорз арӕзт уыдзӕн, уагдон театры куыст нӕ хъыгдардзӕн", - радзырдта театры директор.

Уалыты Мӕдинӕ бахахх кодта, рестораныл ном сӕвӕрӕны фарстыл ныхас кодтой аивадон советыл, цы ран театры кусджытӕй дарддӕр хайад иста Уалыты Альберт дӕр.

Вывескӕйы тыххӕй Уалыты Мӕдинӕ банысан кодта, ацы резонансы фӕстӕ йӕ кӕй айсдзысты.