Вице-премьер Хуснуллин кусдзæн Хуссар Иримæ æмгуыстады фарстытыл

Раздæр Хуссар Ирыстон æмæ Абхазимæ æмгуыстадыл Уæрæейы министрты кабинеты куыста хицауады сæрдары раздæры фыццаг хæдивæг Виталий Мутко
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 янв - Sputnik. Вице-премьер Марат Хуснуллин Уæрæсейы министрты ног кабинеты кусдзæн Хуссар Ирыстон æмæ Абхазимæ социалон-экономикон æмгуыстады фарстытыл, хъусын кæны УФ хицауады сайт.

Фæбæрæг сты Уæрæсейы хицауады ног уæнгтæ

Хусуллины дæлбар ма уыдзысты цæрæнуатон политикæ, ипотекæ, ЦКХ, фæндæгтæ, регионтæ æмæ муниципалитетты райрæзт, Хъырым æмæ Калининград.

Уымæй дарддæр вице-премьер кусдзæн цæрæнуаты къабазы æмæ горæттаг алфамблайы нацпроектты реализацийыл, æдас æмæ гъæдджын фæндæгты арæзтадыл, афтæ ма экологи æмæ транспорты проблемæтыл дæр.

Хуссар Ир æмæ Абхазæй дарддæр ма йæ хæс уыдзæн Хъырым, Севастополь æмæ Калининграды областы социалон-экономикон райрæзты фæдыл федералон нысанмæздæхт программæйыл бакусын æмæ среализаци кæнын.