Хуссар Иры хуыздæр цуангæнджытæн лæвæрд цæудзысты æхцайы премитæ

25 январæй 25 февральмæ тугдзых сырдтыл цуанонты цæдис расидт цуан, финансон æгъдауæй сæм фæкаст паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатолий
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 янв - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны хуыздæр цуангæнджытæн лæвæрд цæудзысты æхцайы премитæ. Хæрзиуæджы хай бауыдзысты ацы азы 25 январæй 25 февральмæ тугдзых сырдтæ чи фехса, уыдон, фехъусын кодта Sputnik цуангæнджыты цæдисы хистæр Букуылты Чермен.

Уынгӕджы бирӕгътӕй: Хуссар Иры хъӕуты сырдтæ æргæвдынц хæдзарон фосы

Хуссар Ирыстоны хъæдты сарæх сты тугдзых сырдтæ – бирæгътæ æмæ хæдмæлхортæ лæбурынц хæдзарон фосмæ, цæуынц хъæутæм.

"25 январæй 25 февральмæ тугдзых сырдтыл расидтыстæм цуан, финансон æгъдауæй нæм фæкаст паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатолий. Хуыздæр цуангæнджытæн лæвæрд цæудзæн премитæ. Мадзæлттæ ист цæуынц хъæуты цæрджытæм фæкæсыны оххыл, уымæн æмæ бирæгътæ æгæрыстæмæй лæбурынц адæммæ дæр", - загъта Букуылты Чермен.

Ӕрдзон ресурсты комитеты хистæр Бестауты Балайы ныхæстæм гæсгæ, цуан цæудзæн Хуссар Иры тобæгонд зонæтæй æддейæ.

"Цуан расидт цæдис, мах æрмæст бафæдзæхстам нæ егерьты, цæмæй сæ тобæгонд зонæтæм ма уадзой. Ӕвæрд бынæттæм ма æрæджы бафтыд Знауыры районы Нагутни, Лопъаны кæмттæ æмæ Бухары комы иу хай", - загъта Бестауты Бала.

2015-2017 æзты Хуссар Ирыстоны архайдта сæрмагонд нывæзт, кæцыйы фæлгæтты тугдзых сырдты амарджытæн фыст цыд финансон фæрæзтæ. Ӕдæппæтæй цуанонтæн бафыстой 220 мин сомы.