Вагон æмæ æхца: Борджнисы сыгъд хæдзары хицауæн æххуыс кæнынц адæм æмæ хицауад

Дыууæхатæнон цæрæн вагон æлхæд æрцыд фонд "Иугонд Аланийы" фæрæзтæй къуырисæры Борджнисы хъæуы цы бинонты хæдзар басыгъд, уыдонæн, хицауад та сын рахицæн кæндзæн 100 мин сомы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 янв — Sputnik, Гæбæраты Элина. Дзауы районы Борджнисы хъæуы Бететы бинонтæн, кæцытæн сæ хæдзар басыгъд ивгъуыд къуырисæры, къуырийы æмгъуыдмæ сывæрдзысты вагон. Уый тыххæй Sputnik радзырдта Дзауы районы администрацийы хистæр Джиоты Андрей.

Зынгфæдисонтӕ фӕлварынц зынг ахуыссын кӕнын Присы

Уымæй размæ хъусын кодтам, 27 январы изæры Борджнисы хъæуы кæй басыгъд хисæрмагонд хæдзар. УУМ нæ бантыст хæдзар байсын артæй. Экспертты хъуыдымæ гæсгæ, зынгирвæзты аххосаг уыд суджы пец.

"Карджын сылгоймаг цард иунæгæй. Кæддæрты-иу йæм æрцыд йæ чызджы сывæллон. Сылгоймаджы йæхимæ акæндзæн йæ чызг", - загъта Джиоты Андрей.

Сылгоймаг йæ чызджы фыртимæ рæстæгмæ цæрынц сæ хæстæджытæм Дампалеты.

"Президент бахæс кодта зианбаййафджытæн радтын вагон. Районы администраци фæкæсджæн техникæйæ. Сæ хæдзар æвæрд уыд зынвадат бынаты æмæ сын бар радтам равзарын æндæр сæрибар зæххы фадыг вагон сæвæрынæн", - загъта районы хистæр.

Дыууæхатæнон цæрæн вагон æлхæд æрцыд фонд "Иугонд Аланийы" фæрæзтæй, хицауад та сын рахицæн кæндзæн 100 мин сомы.

Ӕхсæнадон архайæг, Борнджнисы хъæуæй рацæугæ Бететы Юрий радзырдта Sputnik, кæй бакота хыгъд, цæмæй дзы адæм æрвитой æххуысы фæрæзтæ.

"Бантыст æрымбрырд кæнын фæрæзтæ æмæ сын абон балхæдтам дарæс. Ӕххуыс æрвитынц æммыггагонтæ æмæ сыхæгтæ", - банысан кодта уый.

Уый ма радзырдта, сылгоймаг Джиоты Аннайыл цæуы 80 азæй фылдæр. Йæ чызджы лæппу кусы Бæгъиаты заводы, фæлæ мызд бинонтыл не ʻххæсы.