Хъайтары ингӕнӕй мӕр: Хуссар Иры Ленингоры районы ацыд акци "Горсть памяти"

Ленингоры районы райгуырд Советон цӕдисы хъайтар Сабанты Григорий. Ныридӕгӕн ма Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты архайджытӕй ацы районы сӕрӕгас ис ӕрмӕстдӕр иу - Минделашвили Александр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 янв — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы ацыд æппæтуæрæсейон æфсæддон-патриотикон акци "Горсть памяти". Йае фӕлгӕтты зӕххы мур цытджын уавӕры систой районы центры уӕвӕг Стыр Фыдыбӕстон хӕсты цырты цурӕй ӕмӕ йӕ арвыстой Подмосковьейы аргъуаны мемориалон комплекс "Дорога памяти"-мæ.

Хъайтары ингӕнӕй мӕр: Хуссар Иры Ленингоры районы ацыд акци "Горсть памяти"

Мемориалон комплексмӕ сӕвӕрдӕуыд дидинтӕ, районы разамынды минӕвӕрттӕ радзырдтой акцийы тыххӕй.

"Ленингоры районы райгуырд Советон цӕдисы хъайтар Сабанты Григорий. Районы централон цыртӕй ӕрвитӕм зӕхх - уыдон иу гильзæйы бахæсдзысты УФ Подмосковьейы аргъуаны мемориалон комплекс "Дорога памяти" - мӕ", - загъта Ленингоры музейы хистӕр Чертхъоты Зӕлинӕ.

Ныридӕгӕн ма Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты архайджытӕй Ленингоры районы сӕрӕгас ис ӕрмӕстдӕр иу - Минделашвили Александр.

Хъайтары ингӕнӕй мӕр: Хуссар Иры Ленингоры районы ацыд акци "Горсть памяти"

Акци уадзы УФ хъахъхъæнынады министрад Стыр Фыдыбæстон хæсты 75-азы юбилеймæ. Мадзал цӕуы Хуссар Иры ӕппӕт къуымты. Майрӕмбоны зӕххы муртӕ республикӕйы алы районтӕй арвитдзысты сӕ нысаныл.

Хъайтары ингӕнӕй мӕр: Хуссар Иры Ленингоры районы ацыд акци "Горсть памяти"

Мæримæ кисеттæ фæхæццæ кæндзысты Ӕфсæддон цытимæ Подмосковьемæ, уым сæ нывæрдзысты артиллерион нæмгуыты гильзæты æмæ сæ бынат ссардзысты УФ Гарзджын тыхты аргъуаны территорийыл.