Травмæйы фыдæнæн: хуссарирыстойнаг теннисисткæ ссис ЦКФЗ-ы призер

Кокойты Аманда уыд Цæгат Иры 2002 азы гуырд спортсменкæты къорды сконды. Ерысты хæдразмæ чызг ныццавта йæ къах, фæлæ тох кодта хорз
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 фев - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг теннисисткæ Кокойты Аманда ссис Цæгат Кавказы федералон зылды фыццагады æвзист призер уæлыстъол теннисæй Цæгат Ирыстоны командæйы сконды. Æртыккаг бынатыл тохы нæ спортсменка командæйæн рхаста дыууæ уæлахизы æртæ æнæмæнхъæугæйæ, фехъусын кодта Sputnik уæлдæр спортивон дæсниады скъолайы сæйраг тренер теннисæй Джиоты Мириан.

Цхинвайлаг теннисист рамбылдта æппæтуæрæсейон турнир

"Кокойты Аманда уыд Цæгат Иры 2002 азы гуырд спортсменкæты къорды сконды. Ерысты хæдразмæ ныццавта йæ къах, фæлæ уымæ нæкæсгæйæ тох кодта хорз. Призон бынатыл ныхмæлæуды рæстæджы Дагестаны командæимæ тохы уый рамбылдта 2 фембæлд. Уый хыгъд Ирыстоны командæ ссис æвзист призер 3:1 хыгъдæй", - загъта Джиоты Мириан.

Джиоты Мириан ма радзырдта, Хуссар Иры кæстæр къорды теннисисттæ та ногæй стох кæндзысты Цæгат Кавказы федералон зылды фыццагады марты, ныр та 2005 азы гуырд спортсменты хсæн, Цхинвалæй ерысты архайдзысты Джиголаты Амандæ æмæ Козаты Милена.

Цæгат Кавказы федералон зылды фыццагад цыд 29 январæй 3-æм февральмæ горæт Нальчикы. Спортсменты бацæттæ кодтой тренертæ Джиоты Мириан æмæ Уалыты Ирина.