Цхинвалы центры дыууӕ хӕдтулгӕйы сӕмбӕлд бахауд видеойы

Хуссар Ирыстоны столицӕйы Путины ӕмӕ 8-ӕм Июны уынджы алвӕндагыл хуыцаубоны сӕмбӕлдысты дыууӕ хӕдтулгӕйы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 фев - Sputnik. Цхинвалы знон изӕр Путины ӕмӕ 8-ӕм Июны уынджы алвӕндагыл сӕмбӕлдысты Jeep ӕмӕ BMW хӕдтулгӕ. Цау бахауд цӕстӕйфенӕджы видеорегистратормӕ.

Барадхъахъхъӕнӕг органты информацимӕ гӕсгӕ, Jeep хӕдтулгӕйы шофыр фехӕлдта фӕндагон змӕлды фӕтк, ӕмӕ уый фӕдыл ӕрцыд авари. Медицинон басгӕрст сбӕрӕг кодта, шофыр кӕй уыд нозтджын.

Цхинвалы центры дыууӕ хӕдтулгӕйы сӕмбӕлд бахауд видеойы

Видеойыл зыны, Jeep хӕдтулгӕйы шофыр кӕй нӕ радта фӕндаг BMW-йӕн, Путины уынгӕй 8-ӕм Июны уынгмӕ ӕрбазилгӕйӕ. BMW-йы шофырӕн та нӕ бантыст рӕстӕгыл ӕруромын ӕмӕ уый фӕдыл хӕдтулгӕтӕ сӕмбӕлдысты.

Аварийы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй, бафтыдтой Мидхъуыддӕгты министрады.