Цхинвалы йæ цардæй ахицæн уæрæсейаг уынаффæгæнæг æмæ йе ʻмкъай

Зындгонд медик Игорь Галь куыста æнæниздзинад хъахъхъæнынады фарстыты фæдыл уынаффæгæнæгæй 2016 азæй фæстæмæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады фарстыты фæдыл УФ-йы уынаффæгæнæг йæ бинойнагимæ амард Цхинвалы.

Барадхъахъхъæнæг органтæ бæлвырд кæнынц мæлæт, фæлæ нæ зонынц нырма йæ аххосæгтæ.

Цхинвалы йæ цардæй ахицæн уæрæсейаг уынаффæгæнæг æмæ йе ʻмкъай

Зындгонд медик, профессор Игорь Галь куыста Хуссар Ирыстоны 2016 азæй фæстæмæ, архайдта республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады фадыджы рацарæзтыл. Уымæй размæ куыста Мæскуыйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады департаменты, ис йын стыр хайбавæрд "тагъд æххуысы" реформатæм.