Бибылты Анатолий раарфӕ кодта парти "Ныхас"-ы ног сӕрдарӕн равзӕрсты фӕдыл

Гаглойты Алан слӕууыд "Ныхас"-ы сӕргъ хъӕлӕсӕппӕрсты руаджы парламентон партийы рабадтыл хуыцаубоны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Гаглойты Аланӕн политикон парти "Ныхас"-ы сӕргълӕууӕгӕй йӕ кӕй равзӕрстой, уый фӕдыл.

Парти "Ног Ирыстон" сликвидаци кодтой

Ивгъуыд хуыцаубоны партийы уӕнгтӕ рабадтыл ӕмхъӕлӕсӕй равзӕрстой Гаглойты Аланы партийы ног лидерӕй.

"Дӕ потенциал ӕнӕмӕнг хъуамӕ пайда хӕсса нӕ республикӕйӕн. Алкӕцы ӕхсӕнадон организаци дӕр, кӕцыйы фӕнды хайад исын бӕстӕйы политикон царды, хъуамӕ ӕмгуыстад кӕна хицауадимӕ йӕ фӕндты реализацийы нысанӕн. Ныфс мӕ ис, Дӕ къухдариуӕгады бын парти райтынг уыдзӕн ӕмӕ ӕмгуыстад кӕндзӕн ӕндӕр парламентон партитимӕ", - дзырдӕуы арфӕйы тексты.

Парти "Ныхас" арӕзт ӕрцыд Тыбылты Леонид президент куы уыд, уӕд. Йӕ сӕргъ слӕууыд Ӕлборты Алан. Партийӕн бантыст бахизын парламентмӕ 2014 азы ӕвзӕрстыты ӕмӕ райсын уым цыппар бынаты.

2019 азы парламентон ӕвзӕрстыты размӕ парти раивта йӕ лидеры – Санахъоты Давид фехъусын кодта парти "Ног Ирыстон"-ы ликвидацийы тыххӕй ӕмӕ слӕууыд "Ныхас"-ы сӕргъ. Парламенты ныры ӕрсидты партимӕ ис цыппар депутатон мандаты.