Хуссар Иры хъалонты ӕмбырдкӕнынад 2019 азы фӕфылдӕр 14 милуаны бӕрц – ФХС сӕрдар

Президент Бибылты Анатолий хайад райста Хуссар Ирыстоны Хъалонтӕ ӕмӕ фиддонты комитеты хыгъдон коллегийы, кӕцыйы рӕстӕджы хатдзӕгтӕ скодтой уагдоны архайдӕн 2019 азы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд аз фӕфылдӕр сты хъалонон фиддонтӕ паддзахадон бюджетмӕ, фехъусын кодта хъалонтӕ ӕмӕ фиддонты комитеты (ФХС) сӕрдар Кацты Владимир хыгъдон коллегийы рӕстӕджы, цы ран хайад райста республикӕйы президент Бибылты Анатолий.

"2018 азы аналогион периодмӕ гӕсгӕ, хъалонты ӕмбырдкӕнынад фӕфылдӕр 14504,1 мин сомы бӕрц, уый у 1,4 проценты. 2019 азы Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджетмӕ бацыд 1062823,3 мин сомы, нывӕзт та уыд 1021830,8 мин сомы, уый у нывӕзтон бӕррӕггӕнӕнты 104 проценты", - загъта Кацты Владимир.
Хуссар Иры хъалонты ӕмбырдкӕнынад 2019 азы фӕфылдӕр 14 милуаны бӕрц – ФХС сӕрдар

Афтӕ ма уагдоны сӕрдар банысан кодта, 2018 азмӕ абаргӕйӕ, хъалон чи фиды, уыдон нымӕц фӕфылдӕр 177 адӕймаджы бӕрц, иумӕйагӕй хъалонон хыгъды сты 4941 адӕймаджы.

Бибылты Анатолий загъта бузныг комитеты кусджытӕн сӕ куысты тыххӕй ӕмӕ бахахх кодта, республикӕйы бюджет баст кӕй у хъалонон службӕйы алкӕцы кусӕджы архайдимӕ дӕр.

Хуссар Иры хъалонты ӕмбырдкӕнынад 2019 азы фӕфылдӕр 14 милуаны бӕрц – ФХС сӕрдар

Уымӕй дарддӕр хыгъдон коллегийы рӕстӕджы ӕрдзырдтой фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгты ӕфтиӕгтӕй хъалон исыны фарстыл. Кацты Владимиры ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгтӕй ӕфтиӕгтӕ фӕфылдӕр сты, кӕд ӕмӕ раздӕр уыдысты 300 мин сомы, уӕд ныртӕккӕ та сты 7 милуан ӕмӕ 200 мин сомы.

Бибылты Анатолий бахахх кодта, кусӕгон мигрантты фӕдыл хъуамӕ бӕрн хӕссой адӕм, кӕцытӕ сын саразынц ӕрхуынд республикӕмӕ. Паддзахады сӕргълӕууӕг бахӕс кодта ПӔК Арӕнгӕрон службӕйӕн, цӕмӕй Миграцион службӕимӕ иумӕ саразой механизм ацы фарст аскъуыддзаг кӕнынӕн.