Къæвда, нæртон симд æмæ хорзæхтæ: МТАК къорд нысан кæны йæ сæвзæрды бон

14 адæймаджы райстой уагдоны майдантæ "За доблестную службу", "100 лет милиции", "Лучший сотрудник спецподразделений" æмæ æндæр ахадгæ хорзæхтæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 фев – Sputnik, Плиты Фатимæ. Мидхъуыддӕгты министрады тагъд архайды къорд дыццæджы нысан кæны йæ сæвзæрды бон. Барадхъахъхъæнæг органты куыстхъомдæр къордтæй иуыл 4 февралы сæххæст ис 17 азы. Бæрæгбоны цытæн къорды архайджытæ фæхайджын сты майдантæ æмæ æхцайы премитæй. Мидхъуыддæгты министрады разамынад сын дзырдтой арфæйы ныхæстæ сæ куысты тыххæй Уисты хъæуы кризисы рæстæджы.

Къæвда, нæртон симд æмæ хорзæхтæ: МТАК къорд нысан кæны йæ сæвзæрды бон
14 адæймаджы райстой уагдоны майдантæ "За доблестную службу", "100 лет милиции", "Лучший сотрудник спецподразделений" æмæ æндæр ахадгæ хорзæхтæ.

Кусджыты цытджын ралæуд ацыд уагдоны кæрты, æнæрлæуæгæ къæвдайы бын хæцджытæ истой хорзæхтæ, байхъуыстой министр, йæ хæдивæг æмæ къорды разамонджыты арфæтæм.

"Стыр сты уæ лæггæдтæ 2008 азы хæсты рæстæджы, ис уын стыр хайбавæрд Уистæм хæстæг арæн хъахъхъæнынмæ ивгъуыд азы, хъахъхъæнут æхсæнадон фæтк. Мах алкæддæр стæм ныфсджын, МТАК къорд кæм лæууы, уым знаг кæй не ʻрбахиздзæн", - загъта МХМ хистæр Наниты Игорь.

Хорзæх кæныны церемонийы фæстæ къорды уæнгтæ равдыстой сæ арæхстдзинад æхсынæй, фенын кодтой фыдгæнджыты уромыны амæлттæ, кæронбæттæны та сарæзтой æртæярусон нæртон симдмæ æнгæс схемæ.

Къæвда, нæртон симд æмæ хорзæхтæ: МТАК къорд нысан кæны йæ сæвзæрды бон
Мидхъуыддӕгты министрады тагъд архайды къорд сæвзæрд 2003 азы, йæ кусджытæй дыууæйæ хорзæхджын сты бæстæйы бæрзонддæр хорзæх - орден "Уацамонгæ" -йæ.