Цӕгат Иры УУМ фӕдзӕхсы зӕйты ӕрцыды тасӕй

Цӕгат Ирыстоны ӕвзӕр боныгъӕды фӕдыл ис штормон фӕдзӕхст зӕйты ӕрцыды тасы тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 фев - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) хъусын кӕнынц зӕйты ӕрцыды тасы тыххӕй республикӕйы 1,5 мин метрӕй бӕрзонддӕр хӕххон районты. УУМ пресс-службӕмӕ гӕсгӕ, зӕйтӕ рцӕуыны тӕссагдзинад уыдзӕн ӕртыццӕгӕй цыппӕрӕмы изӕрмӕ.

УУМ: Транскам сӕхгӕдтой зӕйты ӕрцыдӕй тасы тыххӕй

"Цӕгат Кавказы гидрометеорологийы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ Цӕгат Ирыстоны хӕххон районты тас у зӕйты ӕрцыдӕй. Штормон фӕдзӕхст уыдзӕн 2020 азы 6 февралы 18.00 сахатмӕ", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

Амӕйразмӕ, дыццӕджы, тыхджын митуард ӕмӕ зӕйты ӕрцыды фӕдыл сӕхгӕдтой Транскавказаг автомагистраль, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы. Трассӕйыл змӕлд сног кодтой уыцы изӕр. Хуссар Ирыстоны УУМ дӕр фӕдзӕхсынц, ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй та гӕнӕн ис кӕй сӕхгӕной транспорты змӕлд Транскамы уылты.