Цӕуын дывӕр маскӕйы: Кокойты Иосиф Шанхайы царды тыххӕй вирусы рӕстӕджы

Хуссар Ирыстоны райгуыргӕ Кокойты Иосиф, кӕцы ис ныртӕккӕ Китайы, радзырдта Sputnik бӕстӕйы уавӕры тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 фев — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Шанхайы афтекты ис маскӕты цухдзинад 2019-nCoV короновирусы тыххӕй, кӕцы фӕзынд Уханы ӕмӕ апарахат ис Китайы ӕндӕр горӕтты, радзырдта Кокойты Иосиф интервьюйы Sputnik.

"Афтекты ис маскӕты цухдзинад. Китайы кӕцыдӕр горӕтты, адӕймаг ӕнӕ маскӕйӕ куы фӕцӕйцӕуа, уӕд ӕй акӕны полици. Вирусы фыццаг бонты ӕз ӕмӕ ме’мбал сарӕзтам чысыл хӕрзаудӕн акци, адӕмӕн дӕттам маскӕтӕ", - радзырдта Иосиф.

Уый бафтыдта, уынгмӕ кӕй рахизы ӕрмӕстдӕр дывӕр маскӕйы.

"Нӕ мӕ фӕнды цӕуын Китайӕ, уымӕн ӕмӕ фыццаг аз нӕ цӕрын ам. Ме ‘мбӕлттӕ, коллегӕтӕ сты ам, фӕлӕ ацӕуын хъӕуы. Фыццаг хъӕуы рацӕуын медицинон басгӕрст дохтыртӕм, ӕнӕ сӕрмагонд документӕй бӕстӕйӕ ацӕуын нӕй гӕнӕн", - банысан кодта Кокойты Иосиф.

Уый ма бахахх кодта, цымыдисон ӕмӕ кӕй кӕсы, ног вирусӕй рынчынтӕ иууылдӕр кӕй хауынц азиатон расӕмӕ.

Китайы хицауад фехъусын кодта ӕбӕрӕг пневмонийы фӕзынды тыххӕй Уханы декабры кӕрӕтты. Специалисттӕ сбӕрӕг кодтой низы цырынгӕнӕджы - коронавирус 2019-nCoV. Фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕппӕт дунейы ацы вирусӕй фӕрынчын сты 17 мин адӕймаджы, 400 фылдӕр та амардысты.