Гриппы ӕмвӕзад къаддӕр кӕны, карантин нӕ адарддӕр кӕндзысты – Югоосетпотребнадзор

Хуссар Ирыстоны столицӕ ӕмӕ районты скъолатӕ ӕмӕ цалдӕр сабидоны сӕхгӕдтой карантиныл гриппӕй рынчынкӕнынады тыххӕй январы кӕрӕтты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 фев – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Югоосетпотребнадзор хъусын кӕны грипп ӕмӕ КРВИ-йӕ рынчынкӕнынады фӕкъаддӕры тыххӕй, карантиныл кӕцы скъолатӕ ӕмӕ сабидӕттӕ сӕхгӕдтой, уыдон сног кӕндзысты сӕ куыст къуырисӕры, 10 февралы, фехъусын кодта Sputnik сӕйраг санитарон дохтыры хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Хуссар Иры карантин адарддӕр кодтой ноджы иу къуыри

Хуссар Ирыстоны скъолатӕ ӕмӕ кӕцыдӕр сабидӕттӕ ӕхгӕд сты карантиныл 22 январӕй фӕстӕмӕ – ацы уагдӕтты рынчынкӕнынады ӕмвӕзад схызт 20 процентӕй.

"Гриппы ӕмвӕзад къаддӕр кӕны. Республикӕйы ахуыргӕнӕндӕтты карантин нӕ адарддӕр кӕндзысты", - загъта Гаглойты Анна.

Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, рынчынты фылдӕр хай уыдысты сывӕллӕттӕ. Адӕмы нымӕц, кӕцытӕ бадзырдтой медицинон уагдӕттӕм фӕстаг къуыри, Югоосетпотребнадзор бавдисдзӕн къуырисӕры.