Мӕскуыйы фӕстаг хӕрзбон загътой уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнӕг Игорь Гальӕн

Игорь ӕмӕ Ирина Галь ахицӕн сты сӕ цардӕй ӕртыккӕгӕм февралы Цхинвалы. Цауы ӕууӕлтӕ бӕрӕг кӕны ӕхсӕнуагдонон фӕдагуырды-оперативон къорд, кӕцы сарӕзта Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 фев – Sputnik, Козаты Диана. Мӕскуыйы майрӕмбоны фӕстаг хӕрзбон загътой Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фарстыты фӕдыл уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнӕг Игорь Галь ӕмӕ йе 'мкъай Ирина Гальӕн. Церемонийы хайад райста республикӕйы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады къухдариуӕгад, фехъусын кодтой уагдоны пресс-службӕйы.

Уӕрӕсейы минӕварад Хуссар Иры тӕфӕрфӕс ракодта уӕрӕсейаг уыннафӕгӕнӕджы амӕлӕты фӕдыл

Игорь ӕмӕ Ирина Галь ахицӕн сты сӕ цардӕй 3 февралы, сӕ мӕрдон буӕрттӕ сын ссардтой сӕ хӕдзары Цхинвалы. Тӕрхондоны медицинон экспертизӕ сбӕрӕг кодта, уыдон кӕй амардысты газӕй фӕхъӕстӕйы фӕстиуӕгӕн.

"Граждайнаг панихидӕ ацыд Боткины рынчындоны Ритуалон комплексы Мӕскуыйы. Уым хайад райста республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Тотчиты Георгий ӕмӕ йӕ хӕдивӕг Зассеты Ӕхсар. Президент Бибылты Анатолийы фондӕй рахицӕн кодтой фӕрӕзтӕ зиан сорганизаци кӕнынӕн", - загъта Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-секретарь Битеты Ирина.

Игорь ӕмӕ Ирина Галы бавӕрдтой Старо-Марковскийы уӕлмӕрды Мӕскуыйы.

Уынаффӕгӕнӕг ӕмӕ йе 'мкъайы мӕрдон буӕрттӕ ссардтой къуырисӕры сӕ хӕдзары Харебаты Исахъхъы уынгыл Цхинвалы. Тӕрхондоны медицинон экспертизӕ сбӕрӕг кодта, уыдон кӕй амардысты газӕй фӕхъӕстӕйы фӕстиуӕгӕн.