Завод, куырой æмæ уæйы базæрттæ: цы къуыхцы кæны хъæууон хæдзарады размæцыд

Хъæууон хæдзарады фадыджы проблемæтыл уынаффæ цыд фермерты хайадистæй тымбыл фынджы рæстæджы Цхинвалы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 фев – Sputnik, Дриаты Лейла. Хъæууон хæдзарадон техникæ æмæ куырой цухдзинад, æхсыры завод æмæ дзидзагуыстгæнæн комбинаты нæуæвын фарстытæ, стæй ма бынæттон тыллæджы уæй кæныны проблемæтыл æруынаффæ кодтой тымбыл фынджы рæстæджы Цхинвалы.

Тымбыл фынг сарæзта ГТРК "Ир"-ы журналист, алæвæрд "Хъæууон цард"-ы автор Цæбиты Валентинæ. Уый йæхимæ фæхуыдта нæ республикæйы ныр цалдæр аз фермерон куыст чи кæны, ахæм адæймæгты æмæ æргом семæ æрдзырдта ацы фарстатыл.

Кредиттæ бизнесæн: Хуссар Иры расидтысты конкурс амалиуæггæнджытæн

Райдианы уый æрдзырдта Хуссар Ирыстоны къорд азты размæ фосдард æмæ зæххы куыст куыд цыд, фылдæр кæй цардыстæм нæхи æркæнгæ хæлцадон продукттæй.

"Мæнмæ афтæ кæсы æмæ халсар æмæ дыргъгуыст хъæууон хæдзарады иннæ къабæзтæй бирæ пайда дæр у. Уымæн ирд цæвиттон Ставрополь æмæ Краснодары крайтæ. Уыдон раздæр кæд нæмыгон культурæтæ тыдтой, уæд ныр фылдæр кæнынц дыргъгуыст. Афтæ у Цæгат Ирыстоны дæр. Махмæ та фермертæ байтауынц нæмыгон культурæтæ, æмæ стæй сæ мæнæу цы фæкæной, уый нал фæзонынц. Хорз уаид æмæ куы скусид хойрагисæн куыстуат", - загъта Цæбиты чызг.

Фермер, Къостайы хъæуæй - Хъоцыты Зорик ныхас адарддæр кодта. Арендатор ма куыд загъта, афтæмæй хъæууон хæдзарад рыйтынг кæнынæн æнæмæнгхъæуæг сты техникæйæ ифтонгад, зæххытæн анализ саразын, æхсыры завод æмæ дзидзагуыстгæнæн комбинат саразын. Афтæ куыннæ уа, уæд хъæууон хæдзарадыл дзурын у æнæхъуаджы.

"Æхсырæрдыгъд раздæр уыд рентабелон, уымæн æмæ фосæн цæттæ цыд алыгъуызон холлæгтæ, цæхæра æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æхсырæрдыгъд уыд бæрзонддæр. Ныр та фос чи дары, уыдон сын хæрын кæнынц комбихоллаг, уым та иууыл къаддæр хъуамæ уа 7 компоненты. Фæлæ ныртæккæ цы комбихоллаг ис, уым уыдон не сты", - загъта уый.

Хъоцыты Зорик ма куыд дзырдта, афтæмæй Хицауады æрдыгæй хъуамæ арæзт æрцæуа ахæм исты системæ, цæмæй фермеры ныфс уа, цы продукттæ æркæна, уый сын реализаци кæй æрцæудзæн. Фосдарды куыст кæнынæн та, зæгъгæ, нæ Хуссар Ирыстоны ис иттæг хорз уавæртæ.

Кæрдзыны гуырæн: куыд кусы Хуссар Иры иунæг доны куырой

Знауыры районæй фермер - Джиоты Лавер та загъта, зæгъгæ, æнæмæнгыл нымайы куырой скусыны хъуыддаг. Уыдис ахæм рæстæг æмæ нæхи мæнæу куы ссадтам æмæ уыцы кæрдзын куы хордтам. Куы-иу сфыхт дзул, уæд-иу йæ хæрздæф дардмæ калд. Куырой куы уаид районы, уæд нæ уавæр хуыздæр уаид. Хъæууон лæг иу æркæнит мæнæу æмæ йæм уаид ссад, кæцыйæ фыцит дзул.

Фермер ма дзырдта, æнæ техникæйæ дæр ныры дуджы гæнæн кæй нæй. Йæхи техникæ алы районæн дæр куы уа, уæд бирæ фæрæвдздæр уыдзæн сæ куыст.

"Нæхи æркæнгæ хойраг у хæрзад, фæлæ, дзулфыцæн комбинаты нæ фæфæнды, цæмæй райса мах хойраг", - загъта уый.

Тымбыл фынджы ма дзырд цыд, хъæууон хæдзарады кæй хъæуы баххæст кæнын ног техникæйæ. Чи сыл куса, уыдон та, кæй хъæуы, арвитын ахуыркæнынмæ. Дзырдтой ма нæ климатон уавæртæ нын нæ къух кæй аразынц, уымæ гæсгæ халсæрттæ фылдæр тауын кæй хъæуы.

Республикæйы районтæй алкæцыйы дæр фæндзгай арендатор куы уа æмæ куыд æмбæлы, афтæ куы кусой, уæд адæмы сæрибарæй ифтонг кæндзысты бынæттон продукттæй. Нæмыгонты байтыд дæр, зæгъгæ, у рентабелон, уымæн æмæ, бæзгæ сты фосæн дæр. Уымæй арæзт цæуы комбихоллаг, хæдзарон мæргътæн та хицæн цæуы йæ цъæмæл.

"Растдон"-ӕн фӕстӕмӕ ратдзысты хъалонты хай, фехъусын кодта Хуссар Иры ХФК сӕргълӕууӕг

Уæдæ æрæмбырдуæвджытæ хорзыл банымадтой нæмыгонтæ тауыны æркæныны хъуыддаг, фæлæ йæ реализаци кæнын зындзинæдтæ кæй æвзæрын кæны, уымæ гæсгæ паддзахад хъуамæ ацы хъуыддаджы фермерты фарсмæ æрбалæууа.

Цæбиты Валентинæ ма дзырдта, ныртæккæ республикæйы дзидзагуыстгæнæн комбинат кæй нæ кусы, ууыл дæр.

"Алкæй хъуыды бахынцгæйæ æз æрцыдтæн ахæм хатдзæгмæ æмæ æмткæй цы фарстатæ æвзæры, уыдон куыннæ аскъуыддзаг кæна Хъæууон хæдзарады министрад, уæд арендатортæ æмæ фермертæн зын уыдзæнис кусæн", - загъта Цæбиты Валентинæ.