Цхинвалы сæмбæлдысты дыууæ фæсарæйнаг хæдтулгæйы

Фæндагон-транспортон цау æрцыд столицæйы Джиоты Аланы проспектыл, уым сæмбæлдысты Porsche æмæ Honda
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 фев – Sputnik, Козаты Диана. Дыууæ фæсарæйнаг хæдтулгæйы хайадистæй авари æрцыд Цхинвалы къуырисæры изæры. Джиоты Аланы проспектыл сæмбæлдысты хæдтулгæтæ Honda Fit æмæ Porsche Cayenne.

Рзвæлгъау информацимæ гæсгæ, аварийы фæстиуæгæн зианбаййафджытæ нæй. Ӕвдисæнты ныхæстæй куыд бæрæг у, афтæмæй шофыртæ райстой чысыл цъæрæмæхстытæ.

МХМ-ы пресс-службæйы нырма нæ дæттынц комментаритæ ФТЦ фæдыл.