Цхинвайлаг скъоладзаутӕ ссисты Уӕрӕсейы призертӕ менталон арифметикӕйӕ

Ерысты Мӕскуыйы хайад истой 520 курдиатджын сывӕллоны Уӕрӕсейы 23 горӕтӕй. Хуссар Ирыстоны кад хъахъхъӕдтой 11 скъоладзауы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 фев — Sputnik. Хуссарирыстойнаг скъоладзаутӕ ссисты менталон арифметикӕйӕ V ӕппӕтуӕрӕсейонерысты призертӕ, уый тыххӕй информаци мыхуыр ӕрцыд ӕвзонг генийты скъола "Тесла"-йы аккаунты Instagram-ы.

Ерысты Мӕскуыйы хайад истой 520 курдиатджын сывӕллоны Уӕрӕсейы 23 горӕтӕй. Хуссар Ирыстоны кад хъахъхъӕдтой 11 скъоладзауы.

"Сывӕллӕттӕ сӕхи равдыстой иттӕг хорз, мах тынг сӕрыстыр стӕм нӕ ахуыргӕнинӕгтӕй. Дыккаг бынӕттӕ бацахстой Бекъойты Александра ӕмӕ Уанеты Валерия, ӕртыккаг бынӕтты хицӕуттӕ та баисты Бахъаты Амага ӕмӕ Дзабиты Денис", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Цӕгатирыстойнаг менталон арифметикӕйы скъола "Тесла"-йы филиал Цхинвалы байгом ис фарон сӕрды. Сабитӕ арӕх ацӕуынц ерыстӕм. Ивгъуыд аз, декабры, скъолайы ахуыргӕнинаг Дзабиты Денис рамбылдта бронзӕйон майдан дунейы чемпионаты менталон арифметикӕйӕ Камбоджайы.