Абхазы президенты бынатыл стох кæндзысты æртæ кандидаты

Бæстæйы уæлдæр бынатмæ цæуынц æртæ адæймаджы - милиционер, чекист æмæ экономист, амæй размæ æвзæрстыты кандидатты нымæц уыд æртæ хатты фылдæр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 фев - Sputnik. Абхазы æвзæрстыты хайад райсдзæн президенты бынатмæ æртæ кандидаты, хъусын кæны республикæйы Централон æвзарæн къамисы сайт.

Бæстæйы уæлдæр бынатмæ цæуынц милиционер, чекист æмæ экономист, амæй размæ æвзæрстыты кандидатты нымæц уыд æртæ хатты фылдæр.

"Дыццæджы 18:00 сахатыл балхынцъ ис инициативон къорды, партиты æмæ кандидаты раразмæ кæныны фæдыл регистраци, кæцы цыд 22 январæй фæстæмæ. Кандидаттæ президенты бынатмæ регистраци цæудзысты 21 февральмæ", - загъта къамисы нымæрдар Ануш Ходжикян.

Уый ма бамбарын кодта, цы инициативон къордтæ æмæ партитæ ʻрцыдысты регистрацигонд, уыдон кæй раразмæ кодтой æртæ кандидатурæйы: парламенты оппозицион уæнг Аслан Бжания, хицауады хистæры хæдивæг – экономикæйы министр Адгур Ардзинба æмæ Мидхъуыддæгты раздæры министр Леонид Дзапшбайы, уый цæуы парти "Акзаара"-йæ ("Иудзинад").

Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Абхазы равзӕрстгонд президентӕн

Ӕппæт документтæ дæр Централон æвзарæн къамисмæ бавдыстгонд æрцыдысты.

Абхазы закæттæм гæсгæ, президенты бынатмæ кандидаттимæ иумæ раразмæгонд цæуы вице-президенты бынатмæ кандидат дæр.

Кандидат Бжанияимæ иумæ вице-президенты бынатмæ кандидат у культурæйы экс-министр Бадра Гунба, Ардзинбаимæ Абхазы гуманитарон иртæстыты институты директор Арда Ашуба, Дзапшбайы вице-президенты постмæ кандидат у бизнесмен Виктор Хашба.

Дыццæджы ма фехъусын кодтой, Абхазы раздæры президент Рауль Хаджимба кæй нæ архайдзæн президентон æвзæрстыты, кæцытæ нысан сты 22 мартмæ.