Хуссар Ирыстоны 2014 азы фыццæгæм февраль снысан кодтой зонады бонæй. Ацы бон хуымæтæг æвзæрст нæу. 1922 азы 1 февралы националон сæндидзæны архайджытæ сарæзтой Зонад-литературон æхсæнад. Уый уыд фыццаг зонадон уагдон, кæцыйы куыст адарддæр кодта Уанеты Захары номыл зонад-иртасæн институт. Ацы боны сæраппонд дыццæджы 4 февралы зонадон институты уагъд æрцыд конференци.
"Конференцийы уыд фондз раныхасы цымыдисон темæтыл. Зæгъæм, Джиоты Мурæты раныхасы темæ уыд ирон традицион бæрæгбæттыл баст", - банысан кодта Гаглойты Роберт.
Зонадон институты сæргълæууæг ма загъта, уагдон кæй æййафы æвзонг специалистты хъуагдзинад, уымæн æмæ зонадон куыст бирæ фыдæбон домы, стæй стыр æмвæзад. Фæлæ, уымæ æнæкæсгæйæ, уæддæр институты ис æвзонг специалисттæ, кæцытæн ис хорз фидæн.
"Ис нæм дыууæ æвзонг кусæджы - Техты Алена æмæ Дзассохты Лана, уыдон аспирантурæ каст фесты æнтыстджынæй, фæлæ цæмæй сæ зонадон куыстытæ Уæрæсейы мыхуыргонд æрцæуой, уый тыххæй хъæуы æхцайы фæрæзтæ", - загъта уагдоны сæргълæууæг.