Хуссар Иры мидхъуыддæгты министр æрдомдта йæ кусджытæй дисциплинæйыл схæцын

Наниты Игорь банысан кодта, кæй хъæуы фæкарздæр кæнын фыдракæндты ныхмæ тох, æмæ цæрджытимæ та ахастытæ фæхуыздæр кæнын
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь радон оперативон рабадты рæстæджы æрдомдта схæцын кусæгон дисциплинæйыл æмæ алы дæлхайады дæр фæхуыздæр кæнын физикон, хæстон æмæ æхстон цæттæдзинад.

Хуссар Иры МХМ загътой сӕ хъуыды кусджыты мыздтӕй фӕурӕды уавӕры тыххӕй

Министрады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй Наниты Игорь бахæс кодта принципиалонæй аскъуыддзаг кæнын кусæгон дисциплинæйы фарст.

Уымæй дарддæр ма уагдоны сæргълæууæг радта хæслæвæрдтæ наркотикон буарæдты ныхмæ тохы хайад, Криминалон милици æмæ районон управлениты сæргълæуджытæн, цæмæй фæкарздæр кæной фыдракæндты ныхмæ тох. Уæлдай хъусдард аздæхтæуыд наркотикон буарæдты æнæзаконон зилдухæн кæрон скæныныл бакусынмæ. Фадыгон милицонертæй та Нанинты Игорь æрдомдта, цæмæй фæхуыздæр кæной сæ ахастытæ цæрджытимæ.