"Уарзт нæм бирæ ис": куыд бакодтой Цхинвалы "фыццаг" сабидон

Ивгъуыд аз декабры бæстыхай радтой эксплуатацимæ, æртæ боны размæ сабидон райста йæ хъомылгæнинæгты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 фев – Sputnik, Козаты Диана. Къуырисæры йæ дуæрттæ бакодта Чиаты Иосифы уынгыл уæвæг ног арæзт сабидон №1 "Æфсир".

2008 хæсты фæстæ ацы бынаты рæстæгмæ уæвынад кодта Мидхъуыддæгты министрады горæты хайад, уыдон сæ ног бынатмæ куы ацыдысты, уæд ам райдыдтой арæзтадон куыстытæ. Ивгъуыд аз декабры бæстыхай радтой эксплуатацимæ, æртæ боны размæ сабидон райста йæ хъомылгæнинæгты.

"Уарзт нæм бирæ ис": куыд бакодтой Цхинвалы "фыццаг" сабидон

Райдзаст æмæ уæрæх хъазæн хатæнтæ, ног хъазæнтæ, хуыссæнуаттæ ног ифтонгадимæ, кæрты уæрæх хъазæн фæзуаттæ, спортивон зал сывæллæтты тренажертимæ æмæ бирæ æндæр æвæрццаг фæзындтæ ис ацы сабидоны.

"Сабидонæн ма йæ бон у райсын ноджы 40 сывæллоны", – загъта сабидоны хистæр Гасситы Фатимæ.

Уагдон нымад у 160 сабийыл, уыдонæй 120 сабидонмæ цæуынц. "Æфсир" у иунæг сабидон, кæцыйы ис коррекцион къорд. Ныридæгæн ма сын нæ фаг кæны æрмæст чингуытæ æмæ хъазæнтæ.

"Уарзт нæм бирæ ис": куыд бакодтой Цхинвалы "фыццаг" сабидон

Ӕртыццæджы уагдон бабæрæг кодта президент Бибылты Анатолий. Паддзахады разамонæгæн сарæзтой экскурси уагдоны.

"Уæлдай æхсызгон мын у сабидон кæнын, уымæн æмæ æз мæхæдæг дæр цыдтæн ацы уагдонмæ. Зæрдæ райы 2008 азы хæсты фæстæ ам цы пырхæнтæ уыд, уыдон бынаты кæй фæзынд ахæм рæсугъддзинад", - загъта президент.

Уый ма банысан кодта, тагъд рæстæджы ма Цхинвалы бакæндзысты ноджы иу ахæм рæсугъд сабидон, уый та уыдзæн Гуыбаты æфсымæрты уынгыл.