ЦХИНВАЛ, 13 фев – Sputnik, Козаты Диана. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады райрæзты нывæзт сæххæст кæнынæн хъæуы ахадгæ финансон фæрæзтæ, кæцытæ нырма Хуссар Ирыстоны бюджеты нæй. Уый аххосагæн фарст аргъæвтой фæстæдæрмæ, хъусын кæны хицауады пресс-службæ.
Нывæзт хъавыдысты сæххæст кæнын 2020-2022 æзты.
"Фадыгон паддзахадон нывæзт хъуамæ ахъаз уа сæрмагонд медицинон æххуысы ахъаздзинадæн, диагностикæйы разагон методтæ ныббиноныг кæнынæн, кадрон уавæр фæхуыздæр кæнынæн, уыдон та иумæ хъуамæ адарддæр кæной царды æмгъуыд", - бамбарын кодта министр Тотчиты Георгий.
Премьер-министр Пухаты Эрик банысан кодта, нывæзты реализацийæн кæй хъæуы ахадгæ финансон фæрæзтæ - 600 милуаны бæрц, уымæ гæсгæ æнæ Уæрæсейы æххуысæй йæ саразын фæзын уыдзæн.
"Æнæниздзинад хъахъхъæнынады райрæзты нывæзт у тынг ахсджиаг, фæлæ йын хъæуы уæлæмхас фæрæзтæ. Æнхъарын ацы фарстыл æруынаффæ кæнын уæрæсейаг коллегæтимæ", - загъта Пухаты Эрик.