Хуссар Иры Автоинспекци сиды шофыртӕм хъавгӕдӕр скъӕрын бырынцъаг фӕндӕгтыл

Паддзахадон автоинспекцийы минӕвӕрттӕ фӕдзӕхсынц шофыртӕ ӕмӕ фистӕгӕй цӕуджыты республикӕйы боныгъӕды февзӕрдӕры тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекци ӕрсидт шофыртӕ, цӕмӕй хъавгӕйӕ скъӕрой митӕй ӕмбӕрзт ӕмӕ бырынцъаг фӕндӕгтыл.

Хуссар Иры ПАИ куры фӕфылдӕр кӕнын ивартӕ фӕткхалджытӕн
 

МХМ пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй автомобилистты фӕдзӕхсынц, цӕмӕй хъахъхъӕной ӕдас дистанци ӕмӕ тагъдады режим, ӕвзӕр боныгъӕд хынцгӕйӕ. Уымӕй дарддӕр ма шофырты зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой зымӕгон цӕлхытӕ бакӕныны ӕнӕмӕнгхъӕуӕгдзинад.

Афтӕ ма ПАИ ӕрсидтысты фистӕгӕй цӕуджытӕм дӕр, цӕмӕй фӕндаджы иннӕ фарсмӕ хизгӕйӕ уой къӕрцхъус ӕмӕ арӕхстджын, цӕмӕй трассӕйы астӕумӕ ма хизой ӕхсӕнадон транспортмӕ ӕнхъӕлмӕгӕсгӕйӕ.