Дзӕуджыхъӕуы сывӕллӕтты фӕзуаты ссардтой мӕрдон буар

Нӕлгоймаджы мард ссардтой Уалдзыгон уынгыл къуырисӕры райсом. Цауы бынаты кусы фӕдагуырды-оперативон къорд
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 фев - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны столицӕйы сывӕллӕтты фӕзуаты ссардтой нӕлгоймаджы мӕрдон буар, хъусын кӕны газет "Слово".

Нозтджын шофыртӕ ӕмӕ ФТЦ: Хуссар Иры МХМ радзырдта фӕндӕгтыл уавӕры тыххӕй

Мӕрдон буар ссардтой районы цӕрджытӕ Уалдзыгон уынгыл Дзӕуджыхъӕуы. Цауы бынаты кусы фӕдагуырды-оперативон къорд. Фӕдагурджытӕ бӕрӕг кӕнынц цауы ӕууӕлтӕ, лыстӕгдзинӕдтӕ нырма нӕ фехъусын кодтой.

Барадхъахъхъӕнӕг органтыл ӕнцойгӕнгӕйӕ "15-ӕм Регион" куыд фыссы, афтӕмӕй нӕлгоймаг йӕхи амардта йе ‘мъкайимӕ хылы фӕстӕ.