ЦХИНВАЛ, 17 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕвзонг спортсменкӕтӕ Тыджыты Диана ӕмӕ Уалыты Даяна рамбылдтой призон бынӕттӕ ерысты "Mad Wave Classic", фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Ленк кӕныны федерацийы президент Евгения Терлеева.
Ӕппӕтуӕрӕсейон ерыстӕ ленк кӕнынӕй "Mad Wave Classic" уагъд цӕуынц 15-16 февралы Казаны.
"Тыджыты Диана ссис уӕлахиздзау 200 метры дистанцимӕ. Уалыты Диана бацахста дыккаг бынат 200 метры (баттерфляй) дистанцимӕ ӕмӕ ӕртыккаг бынат 400 метры (уӕгъдибар стилы) дистанцимӕ", - банысан кодта Терлеева.
Тренер бафтыдта, зӕгъгӕ, фыццаг боны фӕстиуджытӕм гӕсгӕ хуссарирыстойнаг командӕйы фӕстиуджытӕ сты фыццаг "дӕс"-ы хсӕн 14 дистанцийыл.