Нозтджын шофыртӕ ӕмӕ ФТЦ: Хуссар Иры МХМ радзырдта фӕндӕгтыл уавӕры тыххӕй

Республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады радзырдтой аваритӕ ӕмӕ фӕндагон змӕлды фӕткхалдты тыххӕй ивгъуыд къуыри
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 фев - Sputnik. Ивгъуыд къуыри, 10-17 февралы, Хуссар Ирыстоны ӕрцыд дыууӕ аварийы, иу адӕймаг зиан баййӕфта, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Хуссар Иры Автоинспекци сиды шофыртӕм хъавгӕдӕр скъӕрын бырынцъаг фӕндӕгтыл

"Иу адӕймаджы буары цӕфтимӕ аластой Республикон бирӕпрофилон медицинон центрмӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Иумӕйагӕй ивгъуыд къуыри Паддзахадон автинспекци сбӕрӕг кодта фӕндагон змӕлды 197 фӕткхалды. Ӕртӕ шофыры ӕрурӕдтой автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.

МХМ бафтыдтой, ацы период республикӕйы кӕй не сбӕрӕг кодтой фыдракӕндтӕ. Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ ӕхсӕнадон фӕткхалдты тыххӕй ӕрбакодтой хайадмӕ дыууӕ адӕймаджы.