Хуссар Иры уыдзысты "дӕргъвӕтин" улӕфт бонтӕ

Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы бон ацы аз уыдзӕн хуыцаубоны, уый фӕдыл улӕфты бон рахастой къуырисӕрмӕ. Афтӕмӕй иннӕ кусӕгон къуыри райдайдзӕн дыццӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 фев – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны къуырийы кӕрон уыдзысты "дӕргъвӕтин" улӕфт бонтӕ. Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы боны цытӕн республикӕйы улӕфдзысты ӕртӕ боны фӕд-фӕдыл, загъта хицауады аппараты сӕргълӕууӕг Гаглойты Олег.

Ӕхсарджын къорд: президент раарфæ кодта МСНК-æн сæ сæвзæрды фæдыл

Ацы аз бӕрӕгбон уыдзӕн хуыцаубоны, уый фӕдыл улӕфты бон рахастой къуырисӕрмӕ бӕрӕгбонон бонтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн датӕты къӕлиндармӕ гӕсгӕ.

"Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы бон у улӕфт бон. Бӕрӕгбон хуыцаубоны кӕй уыдзӕн, уый фӕдыл улӕфт бон ахастой къуырисӕрмӕ. Иннӕ кусӕгон къуыри райдайдзӕн дыццӕджы", - загъта Гаглойты Олег.

Республикӕйы нывӕндынц ауадзын цалдӕр мадзалы, кӕцытӕ нывонд сты бӕрӕгбонон датӕйӕн.