Мӕскуы снысан кодта Хуссар Иримӕ ӕмгуыстады фӕдыл ӕхсӕнхицауадон къамисты ног ӕмсӕрдары

Уӕрӕсейы Федерацийы хицауады сӕрдар бафыста ӕмбӕлгӕ барамынд сабаты, 15 февралы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 фев - Sputnik. Уӕрӕсейы вице-премьер Марат Хуснуллины снысан кодтой Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазимӕ ӕмгуыстады фӕдыл ӕхсӕнхицауадон къамисты ног ӕмсӕрдарӕй.

Хуссар Ирмӕ фӕуазӕг сты Ӕхсӕнхицауадон къамисы уӕнгтӕ

Ӕмбӕлгӕ барамынд бафыста Уӕрӕсейы Федерацийы хицауады сӕрдар Михаил Мишустин.

Документы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, ӕмбӕлгӕ къамисты ӕмсӕрдары бынатӕй ссӕрибар кодтой раздӕры вице-премьер Виталий Муткойы, кӕцы раздӕр йӕ цӕст дардта Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстонимӕ ӕмгуыстадмӕ.

Афтӕ ма вице-премьер Марат Хуснуллин Уӕрӕсейы ног хицауады скъуыддзаг кӕны Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазимӕ социалон-экономикон ӕмгуыстады фарстытӕ.