Пухаты Элина: рагæй мæ цымыдис кæнынц ирон æмæ англисаг æвзæгты абарстытæ

Ирон æмæ англисаг æмбисæндты абарæн куыд ис, уый тыххæй радио Sputnik эфиры лæмбынæг радзырдта Хуссар Ирыстоны Зонад-иртасæн институты кусæг Пухаты Элина
Sputnik
Пухаты Элина: рагæй мæ цымыдис кæнынц ирон æмæ англисаг æвзæгты абарстытæ

Хуссар Ирыстоны Зонад-иртасæн институты арæх уагъд цæуынц конференцитæ. Уым зонадон кусджытæн вæййы раныхастæ алыгъуызон темæтыл. Æрæджы конференцийы Пухаты Элина раныхас кодта, ирон æмбисæндтæ куыд ис абарæн фæсарайнаг æмбисæндтимæ, сæрмагондæй та уырыссаг, англисаг æмæ немыцаг æмбисæндтимæ.

"Университеты ахуыр кодтон фæсарайнаг æвзæгты факультеты, æмæ мæ рагæй фæстæмæ цымыдис кæны ирон æмæ англисаг æвзæгты æмбисæндты абарстытæ раргом кæнын, уымæ гæсгæ мæ зонадон куыст ацы темæйæ райдыдтон", - загъта Пухаты Элина.

Элина куыд загъта, афтæмæй æмбисæндтæ сты фольклорæн йæ иууыл цымыдисон æмæ зындæр жанртæй сæ иу. Уыдон æвдисынц æвзаджы рæсугъддзинад æмæ хъæздыгдзинад, адæмы цардахаст æмæ менталитет.

"Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, æмбисæндты иудзинад баст у этникон æмæ æвзаджы хæстæгдзинадыл, стæй ма историон размæцыд дæр æмхуызон кæй цæуы æмæ ма сын идеологийы иудзинад дæр кæй ис, уыйимæ", - банысан кодта Элина.

Пухаты Элина нырма æрыгон кусæг у Зонад-иртасæн институты, фæлæ æнувыдæй æрæвнæлдта йæ куыстмæ.