Цӕгат Иры УУМ фӕдзӕхсы зӕйты ӕрцыды тасӕй

Февралы райдайӕнӕй, республикӕйы боныгъӕды февзӕр ӕмӕ тыхджын митуарды фӕстӕ, Цӕгат Ирыстоны ис зӕйты ӕрцыды тас
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 фев - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны хӕххон районты ис зӕйты ӕрцыдӕй тас, фӕдзӕхсы республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ).

Митуард Хуссар Иры нæ бахъыгдардта Транскамы куыст

"Цӕгат Кавказы гидрометеорологи ӕмӕ мониторингы фӕдыл хайады бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Цӕгат Ирыстоны хӕххон районты (1500 метрӕй бӕрзонддӕр) ис зӕйты ӕрцыдӕй тас. Штормон фӕдзӕхст уыдзӕн 19 февралы 18.00 сахаты онг", - дзырдӕуы уагдоны пресс-службӕйы хъусинаджы.

Синоптиктӕ куыд хъусын кӕнынц, афтӕмӕй Цӕгат Ирыстоны ӕввахс дыууӕ боны уыдзӕн бырынцъаг фӕндӕгтӕ ӕмӕ мигъ.

Мӕйы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ зӕйты ӕрцыды тыххӕй ӕртӕ хатты сӕхгӕдтой Транскавказон автомагистраль, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы. Фӕстаг хатт Транскам уыд ӕхгӕд суткӕйӕ фылдӕр.