Хуссар Иры ФХМ хистæр: Карабахимæ æмгуыстад кæндзæн арфæй арфдæр

Хæххон Карабахы абон нысан кæнынц Сæндидзыны бон - 32 азы размæ республикæйы цæрджытæ равдыстой фæндон сæрибар æмæ хæдбарæй цæрын
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий раарфæ кодта йæ карабахаг коллегæ Масис Маилянæн Арцахы Сæндидзыны боны цытæн æмæ йын банысан кодта йæ хъусдард дыууæ республикæйы хсæн æмгуыстад райтынг кæныны хъуыддагмæ.

Хӕххон Карабахы ФХМ сӕргълӕууӕг ӕрцыд Цхинвалмӕ кусӕгон балцы

"Стыр æхсызгонæй нысан кæнæм дæ хайбавæрд Арцахы интересты хъахъхъæнынадмæ æхсæнадæмон аренæйыл, афтæ ма дæ 'ппынæдзух хъусдард хуссарирыстойнаг-арцахаг ахастыты райтынгмæ æмæ фидарæй зонæм, кæй хъæуы дарддæр дæр дыууæварсон æгуыстад фæарфдæр кæнын нæ бæстæты хсæн", дзырдæуы Медойты Дмитрийы арфæйы телы, кæцы мыхуыргонд у республикæйы ФХМ сайтыл.

Министр бахахх кодта, 1988 азы 20 февралы райсгæ скъуыддзаг кæй уыд иунæг раст, "кæцы бындуриуæг кодта сомихаг адæмы национ иудзинадыл".

"Абон Арцах у тыхджын паддзахад æмæ æууæнкджын æхсæнадæмон партнер, кæцы сæрыстыр у йæ бынтæй æмæ йæ иумæйагнацион иудзинадæй", - бафтыдта Медойты Дмитрий.

ХУссар Иры ФХМ сæргълæууæг ма бафтыдта, Карабахы адæм кæй рацыдысты стыр фыдæбойнаг фæндæгтыл æмæ сын йæ цæт бауарзта сабырдзинад æмæ дидинæфтыд.