Хуссар Иры хъӕбысӕйхӕцджытӕ хайад райсдзысты ӕппӕтуӕрӕсейон турниры

2007-2009 ӕзты гуырд хуссарирыстойнаг спортсментӕ равдисдзысты сӕ курдиат уӕгъдибар хъӕбысхӕсты турниры Дзӕуджыхъӕуы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъӕбысӕйхӕцджытӕ хайад райсдзысты Уӕрӕсейы Сгуыхт тренер Дедегкаты Хъазбеджы номыл ӕппӕтуӕрӕсейон турниры. Ерыстӕ ацӕудзысты 21-22 февралы Цӕгат Ирыстоны столицӕйы.

Хуссар Иры хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой фондз майданы Дзӕуджыхъӕуы фыццагады

Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй ерысты хайад райсдзысты 2007-2009 ӕзты гуырд спортсментӕ. Тохтӕ цӕудзысты 14 уӕзы категориты.

Амӕйразмӕ хуссарирыстойнаг спортсментӕ бацахстой цыппар призон бынаты Цӕгат Ирыстоны фыццагады уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй, уыдон рамбылдтой дыууӕ сыгъзӕрин, иу ӕвзист ӕмӕ иу бронзӕйон майданы.