"Осетия-Ирыстон" ӕмӕ "ЮОГУ ТВ" уӕрӕх кӕнынц ӕмгуыстад

Телекомпани ӕмӕ ахуыргӕнӕндоны разамонджытӕ ӕрныхас кодтой университеты телестудийы хайадистыл ног хабӕртты блокы ирон ӕвзагыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 фев - Sputnik. Тыбылты Александры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим ӕмӕ цӕгатирыстойнаг националон телекомпани "Осетия-Ирыстон"-ы генералон директор Гудиаты Тимур ӕрныхас кодтой дарддӕры ӕмгуыстады фарстытыл, хъусын кӕны ахуыргӕнӕндоны пресс-службӕ.

"Фембӕлды рӕстӕджы телекомпанийы къухдариуӕгад банысан кодта университеты телеуынынады куысты аккаг ӕмвӕзад ӕмӕ рахаста хъӕппӕрис рауӕрӕх кӕнын ӕмгуыстад "ЮОГУ ТВ"-имӕ. Гудиаты Тимур банхъардта "ЮОГУ ТВ"-мӕ хайад райсын телекомпанийы ног хабӕртты блокы ирон ӕвзагыл", - банысан кодта ректор.
"Осетия-Ирыстон" ӕмӕ "ЮОГУ ТВ" уӕрӕх кӕнынц ӕмгуыстад

Тедеты Вадим загъта бузныг Гудиаты Тимурӕн ӕмӕ телекомпанийы коллективӕн ӕххуыс ӕмӕ ХИПУ телестудиимӕ ӕмгуыстад кӕнынмӕ цӕттӕдзинады тыххӕй.

"Ректор дӕр банысан кодта "ЮОГУ ТВ"-йы кусджыты архайды аккаг ӕмвӕзад ӕмӕ сын загъта бузныг, сӕйраджыдӕр, банысан кодта университеты медиахолдингы разамонӕг Джиоты Аллайы, кӕцы хайад иста фембӕлды", - фехъусын кодтой ХИПУ-йы.

Тедеты Вадим ӕмӕ Гудиаты Тимур бадзырдтой, "ЮОГУ ТВ" кӕй хиздӕн "Осетия-Ирыстон" каналы эфирмӕ 4 мартӕй фӕстӕмӕ алкӕцы ӕртыццӕг, 18.00 сахатыл.